Ныхасы фæдыл. Хъæлдзæджы æви фыдбылызы хос?

Карз нозт, дам, йæ кæнæгæн дæр нæ бары. Кæнджытæ сæхи куыд æнкъарынц, уымæн ницы зонæм, фæлæ, цымæ, æнæуый адæмы цардимæ та куыд фидауы? Цал зианы æмæ хъыджы æрхаста карз нозт Иры зæххмæ? Цал хатты цин мароймæ расайы æрмæст маргхъæстæ донгъæды тыххæй? Уый о, фæлæ зианы та куыд сфидыдта, диссаг ма уый дæр у. Куыд балæсыд кувæндæттæм æмæ дзуæрттæм? «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар, Кучиты Юрий æмæ змæлды фæсивæдон комитеты уæнгтæ Суанты Ацæмæз æмæ Бызыккаты Таймураз студийы фæлварынц ацы фæрстытæн дуапп раттын. _ Мы рядом в: Telegram:
Back to Top