Коцойты Арсен – «Афтæ дæр вæййы». Кæсы Æлбегаты Алан
Коцойты Арсены радзырд «Афтæ дæр вæййы» кæсы РЦИ-Аланийы адæмон артист Æлбегаты Алан
Коцойты Арсен у ирон аив прозæйы бындурæвæрджытæй сæ иу.
«Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», – фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил.
Ирæд исыны цардхалæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.
Куыд уæм кæсы, Саугуди кæй фæцахуыр и давыныл, уым чи у аххосджын, Хосдзау æви Саугуди йæхæдæг? Ныффыссут уæ хъуыдытæ.
_________________________________