Уæллаг Бирæгъзæнджы байгом кодтой Гæбуты Таймуразæн цыртдзæвæн

Уæллаг Бирæгъзæнджы абон байгом кодтой сæ номдзыд æмзæххон Гæбуты Таймуразæн цыртдзæвæн. Уый уыд Тамбовы облæсты Думæйы депутат. Йæхи фæрæзтæй куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодта хъæуы цæрджытæн. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты йæ бинонтæ Тамбовы облæстæй, бынæттон хицауад æмæ хъæуы цæрджытæ дæр. Радзырдтой Гæбуты Таймуразы царды тыххæй, цыртдзæвæныл æрæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Уæллаг Бирæгъзæнджы абон иу минут æдзæмæй алæуугæйæ ссардтой Гæбуты Таймуразы рухс ном. Кадджын уавæры аргъуаны кæрты йын байго
Back to Top