Никъолоз Бараташвили. Арвы хуыз (иронау)

Николоз Бараташвили Арвы хуыз Арвы хуыз, уæздан, æрвгъуыз, Буц, сыгъдæг, хæрзаив хуыз Уый уæлмонц, уæларвон уæз Бауарзтон æвзонгæй æз. Ныр, куы тар кæны мæ хур, Туг дæр мæ нæ тавы мур, Ард хæрын: æндæр хуызтæ Никуы бауарздзынæн, нæ. Арф цæстыты уарзын æз Арвы хуыз уæлæрвты ‘мвæз. Уый цъæх арвæй у æфсæст, У уæлмонц, рæвдауы цæст. Арвы ‘вæджиау хæрдтæм, Арвы буц хуызмæ бæлгæ, Уарзтæй тайгæйæ, тæхин, Йемæ сиу кæнин мæхи. Мардæй нал хатдзынæн æз Хионы цæссыгты уæз, Уыйхыгъд мыл цъæх арв, уæрæх, Рауадздзæн æрвон æртæх. Мигъ мæ ингæныл тыхсдзæн, Уый нывондæн хаст цæудзæн Уарзондæр, рæсугъд хуызæн, Ирд арвы æрвгъуыз хуызæн! Раивта Плиты Инал.
Back to Top