Балц Дзинагъамæ I Фыдæлты уæзæгмæ

Æмбисонды бакастджын æмæ бæркадджын ком сфæлдыста Хуыцау Дыгургомы рæбыны, Къæрæугомы цъитимæ æввахс. Ацы бæрзонд хæхты хъæбысы цы æртæ хъæуы равзæрдысты дард незаманты - Дзинагъа, Гуылæр æмæ Ногхъæу,- уыдонæн сæ цæрджытæ кæддæриддæр уыдысты хайджын хæххон æрдзы хуыздæр лæвæрттæй. Уыцы хъæутæй иу - Дзинагъамæ - хонæм уæ абон балцы. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top