Гуырдзыстоны `рдыгй боныхъды уаврт кй февзрдр сты, уым гсг Арвыкомы фндаг схгдтой хдтулгты ппт хуызтн

Гуырдзыстоны `рдыгæй боныхъæды уавæртæ кæй февзæрдæр сты, уымæ гæсгæ Арвыкомы фæндаг сæхгæдтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн. Ныртæккæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» рады лæууынц 1 мин 500 уæзласæн хæдтулгæйы. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло. {ЗКД} Ирвæзынгæнджытæ цæттæ сты бахъуыджы рæстæг адæмæн хъæугæ æххуыс бакæнынмæ. Машинæтæ фылдæр кæм сæмбырд уым рад хæссынц дохтыртæ дæр. Специалисттæ æвæстиатæй фæтагъд кæндзысты æнæнхъæлæджы уавæр куы сæвзæра, уæд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны æвзæр боныхъæды аххосæй раздæр нысангонд æрцыд æнæнхъæлæджы уавæрты фæтк.
Back to Top