Вано Бекоев - Реквием
Реквием - Вано Бекоев
слова: Людмила Галаванова
Цæгъдынц фæдис дзæнгæрджытæ нæ Иры,
Цæгъдынц - сæрибар кæнæ та мæлæт!
Дыууæ хатты нæ райгуырдзæн Ирыстон,
Дыууæ хатты нæ фесæфдзæн йæ фæд.
Нæ рухс зæрдæтæ ацыдысты Ирæй,
Нæ сонт хъæбултыл нал ыскæсдзæн хур.
Йæ зæрдæйыл Ирыстон саутæ скодта, Нæй нал кæнынц йæ цæстысыгтæ сур.
Нæ уæлмæрдтæн æрæхгæдтой сæ фæндаг,
Нæ мæрдтæй дæр йæ маст исы ызнаг,
Æхсы нæ, мары, нал æсæды тугæй,
Фæнды йæ тынг, куы аскъуит нæ таг.
О стыр Хуыцау, кæм бамбæхстæ, цы фæдæ?
О, фехъус нын нæ судзгæ маст, нæ рыст.
Ирон фыдæн йæ куывдæ кæд нæ хъусыс, -
Дæу баййафдзæн ирон мады æлгъыст.
Нæ адæмимæ мачи дзурæт кардæй,
Чысыл ыстæм, фæлæ нæ зонæм тас.
Ирон лæгæн йæ кад, йæ фарн сæйраг у,
Йæ тохы сæр йæ зæххимæ у баст.
Ариаг туг нæ дадзинты æзмæлы,
Нæ бæллиц у сæрибарæй цæрын,
Мах удгасæй нæ баныгæндзæн ничи, -
Ирон лæг зоны кадимæ мæлын.
Нæ зынгхуыстытæ, Иры сахъ хъайтартæ,
Уæ кадæн нæй мыггагмæ дæр мæлæт.
Уæ тохы зарæг сисдзæни Ирыстон, - Уæ рухс нæмттæ æнус-бонтæм цæрæнт!