Ахсджиаг фарстатæ
Январы кæронмæ Редант æмæ Цъæйы сцæттæ уыдзысты фельдшерон-акушерон пункттæ. Уымæй уæлдай ма байгом уыдзысты амбулаторитæ Мæздæджы районы Хъызлары, Горæтгæрон районы Сунжæ æмæ Тарскæйы хъæуты. Мæздæджы ма кæронмæ фæхæццæ кæны поликлиникæйы рацарæзт. Уый тыххæй ныхас цыд Битарты Вячеславы кусæг фембæлды республикæйы хицауады вице-премьер æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерланимæ. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ хъуамæ исой хæрзхъæд медицинон æххуыс. Уый тыххæй фыццаджыдæр хъæуы медицинон-санитарон æххуыс фæхуыздæр кæнын. Ацы аз ма хъуамæ цалцæггонд æрцæуа республикон сывæллæтты клиникон рынчындоны бæстыхæйттæй иу. Йæ цуры йын сараздзысты сывæллæтты поликлиникæ дæр. Майы та фæуыдзысты Æрыдоны районы рынчындоны рацарæзт. Годжыцаты Тамерлан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ма ацы аз хъуамæ скуса иу стыр медицинон объект - тарниз дзæбæхгæнæн диспансер поликлиникæимæ. Фембæлды ныхас кодтой хостæ лæвар, кæнæ асламдæрæй чи исы, уыдоны тыххæй дæр.
_
Мы рядом в: