Алцыдæр мадæй цæуы | Дуг. Цаутæ. Адæм
Сывæллон куыд рæзы, афтæ йæ ивынц йæ зондахаст æмæ дунеæмбарынад дæр. Дуг куыд ивы, афтæ фæсивæдмæ дæр фæзынынц сæхи ног хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Алчидæр æй æмбары, æппæты фыццаг сывæллоны æмæ æвзонг адæймаджы хъомылад аразгæ у йæ ныййарджытæй. Ам та стыр хæс æвæрд ис мадæлтыл.
Мад - амоны, фæдзæхсы, ахуыр кæны æмæ раст фæндагыл æрвиты. Фæсивæд æмæ хистæрты бастдзинадыл æмæ кæстæрты зондахастыл уыдзæн абон нæ ныхас.
_
Мы рядом в: