Путины комкомм бастдзинады тыххй м фсивды нтыстыт | Й рстгыл
Ацы къуырийы ахадгæдæр цаутæм ахæссæн ис Уæрæсейы Президенты комкоммæ ныхас адæмимæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзтимæ. Ныхас фылдæр цыд демографи æмæ социалон фарстатыл, æргътыл, Уæрæсейы ахастдзинæдтыл иннæ бæстæтимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийыл æмæ бирæ æндæртыл. Президенты комкоммæ эфиры тыххæй æрдзырдтам мах дæр.
Нæ студимæ ма фæхуыдтам фæсивæды. Афæдзы хатдзæгтæ скодтой æхсæнадон организаци “Иры фæсивæд“-ы уæнгтæ. Уымæй уæлдай ма йæ рæстæгыл сæмбæлд Парсиаты Руслан дæр. Æрыгон лæппу архайы адæмон музыкалон инструменттæ аразыныл. Базыдта дала-фæндырæй цæгъдын. Афтæмæй та йæ дæсныйадмæ гæсгæ ветеринар у.