Цыбырты Шота æмæ Дулаты Дзамболат I Дæ дзыхыл МА хæц!
Адæймаг сын æрмæст сæ нæмттæ куы фехъусы, уæддæр сын сæ диссаджы хъæлæстæ уайтагъд æрхъуыды кæны. Мах та сæ `рбахуыдтам нæ хъæлдзæг телевизион хъазт «Дæ дзыхыл МА хæц!»-мæ. Нæ телекомпанийы уазджытæ уыдысты Цыбырты Шота æмæ Дулаты Дзамболат. Уыцы цауæй нæхæдæг дæр тынг фæбузныг стæм. Сæ фыдыуæзæгмæ арæх нæ сæмбæлынц, сæ алы `рцыд та свæййы æцæг бæрæгбон. Стæй ма афтæ чи зæгъа, æмæ оперон зарæггæнæг æгæр хиуылхæцт вæййы, уымæ-иу макуыуал байхъусут! Ацы дыууæ лæппуйы хъæлдзæгдзинадæн æмбал нæй! Табуафси, хонæм уæ уæдæ нæ телехъазты фæзмæ!
_
Мы рядом в: