Гуырдзыстоны ’рдæм ацæуынмæ Цæгат Ирыстоны рады лæууынц 1700 уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр
Гуырдзыстоны ’рдæм ацæуынмæ Цæгат Ирыстоны рады лæууынц 1700 уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр, 830 сæ сты сæрмагонд æрлæууæнты. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Электрон рады ис транспорты 1900 иуæгæй фылдæр. Къуырийы дæргъы арæны сæрты ахызт 17 мин хæдтулгæйы. Арвыкомы фæндаг уыд æхгæд тыхджын митуарды тыххæй. Ныртæккæ уадзæн пункт гом у, фæлæ æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ иуварсгонд нæма фесты. Куыстыты кæронмæ, Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, æнæнхъæлæджы цауы фæтк ист не ’рцæудзæн. Ныхас ма цыд фæндæгтæ æфснайын, цæхх æмæ змис пырх кæныныл. Сæргълæууæг бабар кодта уæлдай æргом федералон трассæтæм аздахын. Æмбырды дзырдтой хъармæй ифтонг кæныныл дæр. 600 социалон ахсджиаг объектæй доны куыстуат бадзырд бафыста 84-имæ. Фарста алыг кæнынæн регионы разамонæг бæрнон кусджытæн радта 10 боны. Æркастысты ма Ног азы бæрæгбоны рæстæг æдасдзинады фарстатæм. Фæлладуадзæн бонты рæстæг æдасдзинадмæ цæст дардзысты оперативон штабтæ, аварион службæтæ кусдзысты карздæр фæткмæ гæсгæ.