ХИПУ-йы Хетæгкаты Къостайы азы цытæн конкурс

Кæронмæ бахæццæ Хетæгкаты Къостайы азы цытæн конкурс Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ). ЮОГУ ТВ 1-30 бонты зæрдæвæрæны мæйы расидт конкурс, сабиты ‘хсæн Къостайы æмдзæвгæтæ хуыздæр чи бакæсдзæнис. Мах, ЮОГУ ТВ-йы кусджытæ нæ сæртæй ныллæг кувæм сывæллæтты ныййарджытæн, хиуæттæн, сывæллæтты цæхæрадæтты хъомылгæнджытæн, ныридæгæн сын чи уарзын кæны сæ мадæлон æвзагыл фыст уацмыстæ. Уæдæ афтæ. Гран-при, сæйраг Дипломы хицау бацис 4 аздзыд Гуыцмæзты Дзамболат (Арсалан). Уый æмдзæвгæ «Фæззæг» аив бакæсыны тыххæй райста 8 479 «лайк»-ы. Уый фæстæ, фыццаг бынаты Дипломы хицау бацис 4 аздзыд Битеты Арсен. Æмдзæвгæ «Бирæгъ æмæ хърихъупп» бакæсгæйæ, уый райста 6 510 «лайк»-ы. Дыккаг бынаты ацыд 3 аздзыд Козаты Алана. Æмдзæвгæ «Уасæг» райста 6 255 «лайк»-ы. Æртыккаг бынаты Дипломы хицау та сис афæдз æмæ дæс мæйдзыд Хъоцыты Виктория. Æмдзæвгæ «Гино» райста 5 199 лайкы. P.S. сабитæ се ‘ппæт дæр зæрдæмæдзæугæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ жюрийы уæнгтæ аскъуыццаг кодтой 500 «лайк»-æй фылдæр чи райста, уыдон ко
Back to Top