Сæдæ фыццагкъласонæй фылдæры райстой “Орлята России“ змæлды рæнхъытæм
Алагиры 3-æм æмæ 4-æм скъолаты ахуырдзаутæ ард бахордтой нæ бæстæйы патриоттæ уæвыны фæдыл, хъæддыхæй загътой Фыдыбæстæ кæй уарздзысты æмæ йын аргъ кæй кæндзысты, уый. Сæдæ фыццагкъласонæй фылдæры райстой “Орлята России“ змæлды рæнхъытæм. Уый у “Раззагдæрты змæлды“ райдиан къæпхæн. Архайынц 7 здæхтмæ гæсгæ. 5-æм къласы онг — истори хахъхъæнджытæ, бархионтæ, спортсментæ æмæ иннæтæ. Сывæллæттæн ацы цау ахсджиаг у. Сæхи йæм цæттæ кодтой ахуыргæнджытимæ. Репетицитæ уыдысты кадджын мадзалы сæйраг хай — æмдзæвгæтæ, зарджытæ, националон кæфтытæ.