Мыггæгты Ныхасты куыст æмæ сæ ахадындзинад. Ныхасы фæдыл
Алы мыггаг дæр ныфсджын, тыхджын æмæ хъомысджын у йæ куырыхон хистæрты фарн æмæ кæстæры хорзæй. Ирыстоны ис мин ирон мыггагæй фылдæр. Уыдонæй йæ мыггаджы Ныхас кæмæ ис, æмæ афтæмæй кæстæрты хъомыладмæ йæхи сæрмагонд æвæрæн чи хæссы, мыггаджы æнгомдзинадыл чи кусы, уыдон сæ куыст куыд сарæзтой, сæ размæ æвæрд хæстæм цы фæндæгтæ равзæрстой, æмæ сæ иннæ мыггæгтæ дæр цы хорз хъуыддæгты тыххæй хъуамæ бафæзмой, уыдон радзурдзысты нæ студийы уазджытæ Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Мыггæгты ком