Алагиры скъоладзаут аразынц акъоппы цыргът
Иу ахæм цырагъ судзы 5 сахаты онг. Пайда дзы кæнынц алыхуызон уавæрты, фæлæ йæ уæддæр “акъоппы“ хонынц. Цæмæн, уый бæлвырд у. Ацы банкæтæ тохы раззагдæр бынæтты хъæуынц.
Сæ аразын зын нæу, фæлæ рæстæг бирæ ацæуы. Парафин хъæбæр у, тагъд æй нæ афаддзынæ, фæлæ æвзонг бархионтæ куыстыл фæцалх сты. Алагиры 5-æм скъолайы кадетон къласы ахуыргæнинæгты ууыл сахуыр кодтой сæ ахуыргæнджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæйрагдæр у лæмбынæг кæсын æмæ хъусын, уæд æппæт дæр тагъд рауайы.
Цырагъы мидæг хъуамæ уæлдæфы таппузтæ ма баззайа. Æмæ уый ма ’руадзын дæр фæсивæд базыдтой. Æрвылбон фæсурокты ам иууылдæр иумæ сæмбырд вæйынц — Цæгат Кавказы Хъæды хæдзарады техникумы.
Скъоладзаутæн агъуыст радта техникумы директор. Цæмæй сын æнцондæр уа, уый тыххæй сæрмагонд дисциплинæты ахуыргæнæг Роальд Каупуш æрхъуыды кодта ног метод.
Уымæн æмæ алы лыджы размæ дæр барын зын у. Хæйттæ та хъуамæ, æнæмæнг, æмиас уой, кæннод цырагъ зылын рауайдзæн. Ацы амалы ’руаджы рæстæг дæр къаддæр цæуы куыстыл. Фæсивæд ахæм фыййаджы фæрцы уайтагъд хъæугæ бынæттæ фæнысан кæнынц, уый фæстæ уыцы рæтты хъабых кард æмæ дзæбугæй адихтæ кæнынц.
Кадеттæн æххуыс кæнынц Цæгат Кавказы хъæды хæдзарады техникумы студенттæ, стæй Алагиры 2-æм, 4-æм æмæ 5-æм скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Акци расидтысты парти “Иугонд Уæрæсе“-йы. Ныртæккæ ам ис 800 цырагъы, тагъд ма скæндзысты 600.
Цырæгътæ, химæзилæн фæрæзтæ, макъаронтæ, дон, хъарм цъындатæ арвитдзысты Запорожьейы ’рдæм. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысмæ се ’ргом фылдæр адæм райдыдтой ’здахын.