Хуымллджы рвдаундоны полилингвалон къорд фзынд фарон м нтыстджынй кусы
Хуымæллæджы рæвдауæндоны полилингвалон къорд фæзынд фарон æмæ æнтыстджынæй кусы.
️ Æрвылбоны цаутыл сабитимæ ныхас кæнынц иронау. Уыимæ семæ аив кæсынц æмдзæвгæтæ, дзурынц сын аргъæуттæ.
Фæнды сæ, цæмæй сабитæн ирон æвзаг æцæгдæр уа мадæлон. Æмæ йæ уыдон дæр фидæны балæвар кæной сæ кæстæртæн.
Полилингвалон ахуырады проект æххæст кæнын райдыдтой 2017-æм азы. Уæдæй нырмæ ирон æвзаг сабитæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм къордты нымæц рæзы.
Подписывайтесь на irystonTV
Источник: IrystonTV