Хуымллджы рвдаундоны полилингвалон къорд фзынд фарон м нтыстджынй кусы
Адджын гуылтæ сабитæ сæхæдæг скодтой, сæ хъомылгæнджыты æххуысæй. Алчидæр сарæзта басыл - заз бæласы фæлысты. Уæвгæ ныртæккæ Хуымæллæджы рæвдауæндоны сæхи цæттæ кæнынц сывæллæтты уарзондæр бæрæгбонмæ - Ног азмæ. Ахсджиаг та уый у æмæ иронау. Рæвдауæндоны æнтыстджынæй архайы полилингвалон къорд.
Æрвылбоны цаутыл сабитимæ ныхас кæнынц иронау. Уыимæ семæ аив кæсынц æмдзæвгæтæ, дзурынц сын аргъæуттæ. Æмæ сын афтæмæй уарзын кæнынц ирондзинад, ахуыр сæ кæнынц иронау хъуыды кæнын.
Мадæлон æвзаджы уавæр хъæуты кæд бынтон æвзæр нæу, уæддæр Хуымæллæджы рæвдауæндоны бæстонæй архайынц. Фæнды сæ, цæмæй сабитæн ирон æвзаг æцæгдæр уа мадæлон. Æмæ йæ уыдон дæр фидæны балæвар кæной сæ кæстæртæн.
Полилингвалон къорд рæвдауæндоны байгом фарон. Кусынц Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты методикон амынддзинæдтæм гæсгæ. Уыимæ æппынæдзух сæ фарсмæ сты ныййарджытæ дæр. Æрмæст иумæйаг архайды руаджы ис хорз бæрæггæнæтæм схизæн, зæгъныц педагогтæ.
Полилингвалон ахуырады проект æххæст кæнын райдыдтой 2017-æм азы. Уæдæй нырмæ ирон æвзаг сабитæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм къордты нымæц рæзы. Ныридæгæн сты 100-мæ хæстæг. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ афæдзæй афæдзмæ рæзы иронау чи дзуры, уыцы сабиты нымæц.