Гæуæцæлты Руслан I Цы сусæг кæныс
Цардвæндæгтæ алыхуызон æмæ алывæрсыг сты. Царды бæлццон уæвгæйæ, нæ алчидæр йæ размæ æвæры цавæрдæр хæс. Куыд æм цæуæм, цавæр фæндæгтыл æмæ кæимæ – уый нæхицæй аразгæ у. Уæвгæ, адæмы цардвæндæгтæ мæм цымыдисаг кæсынц. Хицæн кæнынц. Кæимæ æмбæлыдысты, цы цаутæн уыдысты æвдисæн, сæ зæрдыл цы бадардтой. Мæ абоны уазæг кæд нырма æрыгон у, уæддæр бирæ федта, бирæ адæмимæ фембæлд. Цы радзура, уый дæр куыд нæ ис.
Фæлæ йæхи зæрдæйы та цы æнкъарæнтæ ис, арæхдæр цы æрымысы, цы бæллицтæ йæм ис? Уымæй йын йæхи бафæрсдзынæн. Уазæгуаты та æнхъæлмæ кæсын Гæуæцæлты Русланмæ.
_________________________
Мы рядом в: