Цæгат Ирыстоны медицинон куыстуæттæ райстой 10 бынативгæ медицинон комплексы
Дæрддзæф хъæуты цæрджыты удæнцойæн. «Развитие системы оказания первичной медико-санитарной помощи», зæгъгæ, федералон проекты фæлгæты республикæйы хъæуты цæрджытæн дохтырытæ æххуыс кæндзысты бынативгæ фелсырон-акушерон пунктты. Ныртæккæ республикæйы фæзынд 10 сæрмагонд комплексы. Пунктты ис æмбæлгæ уавæртæ дохтырты æркаст ацæуынæн æмæ диспансеризацийæн. Ног гæнæнтæй ма спайда кæндзысты йе ’нæниздзинад хъыгдрд кæмæн у, уыдон дæр.
Æмбæлгæ кусæнгæрзтæ, техникæ æмæ уазалгæнæн. Дохтырты удæнцойæн ма комьютер æмæ принтер. Ног техникæйы руаджы пациентты ӕнӕниздзинады хъӕугӕ иртæстыты бæрæггæнæнтæ рæвдзæдæр цæттæ кæндзысты. Бынативгæ фелсырон акушерон пункты æппæт лыстæгдзинæдтæм дæр лæмбынæгæй æркастысты. Ис дзы хъарм дон æмæ хъармгæнæн системæ. Æрæфы районы сæйраг рынчындонæн мобилон комплекс, æнæмæнг, æххуыс уыдзæн. Йæ руаджы лæггад кæндзысты районы дæрддзæф хъæуты цæрджытæн дæр.
Ай та у бынативгæ маммограф. Райста йæ Æрыдоны районы сæйраг рынчындон. Комплексы сæйраг нысан - онкологон низтæ рагагъоммæ раиртасын.