Ныууагътам нæ бæстæ I Изæры рад
Фыццæгæмæй 30-æм апрельмæ нæ бæстæйы хъуамæ уыдаид йæ цæрджыты æппæтуæрæсейон æрфыст. Пандемийæ æмæ йæ фæстиуджыты аххосæй ацы хъуыддаг сæххæст кæнын къухы нæ бафтыд. Афтæмæй та йæ хатдзæгтæ цымыдисаг уаиккой. Цæмæн?! Уый дæр бамбарын кæндзынæн. Бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг 3 азмæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты нымæц фæкъаддæр 1,2%. Ома, иннæ регионтæм ацыдысты 11 500 адæймаджы. Цæмæн афтæ уайы? Цавæр аххоссæгтæм гæсгæ? Уавæр фæхуыздæр кæнæн куыд ис?
_________________________
Мы рядом в: