Программа Жанны Сосранти к юбилею Скъодтати Эльбруса
Аланий Сæумæ.
Уӕ сӕумӕ хуарз, ӕма уӕ бони фӕндтӕ, уӕ къохти бафтуйӕнтӕ!
Абони ӕ юбилей бӕрӕг кӕнуй Уӕрӕсей финсгути цӕдеси иуонг, финсӕг, республикон аййевадон журнал “Ирӕф“ - и сӕйраг редактор Скъодтати Эльбрус.
Эльбрус, кӕд ӕ дӕсниадӕмӕ гӕсгӕ, аразӕг ӕй, уӕддӕр ӕ цард нивонд кӕнуй ӕ искурдиадӕн, ӕ уарзон кустӕн.
Берӕ Паддзахадон хуӕрзеугути хецау, мадӕлон ӕвзаги райрӕзтмӕ, ӕ багъӕуай кӕнунмӕ ци агъазиау ӕвӕрӕн хӕссуй, уой бӕрцӕй рабарӕн нӕййес.
Эльбрусӕн нӕ зӕрдӕ зӕгъуй устур ӕнтӕстдзинӕдтӕ, ӕнӕнездзинадӕ, адӕми фарнӕй хайгин куд уа.