Бæллицтæ æххæстгæнæг заз бæлас æмæ сгуыхтдзинæдтæм фæндæгтæ | Изæры рад
Дыууæ къуырийы ма баззад афæдзы кæронмæ. Иуæй, тынг чысыл рæстæг у. Иннæмæй та, стыр хъуыддаг саразынæн хатт иу минут дæр фаг вæййы. Раст хъуыдымæ æрцæуынæн та бахъæуы цалдæр уысмы. Уæдæ ныхас кæнæм нæ республикæйы хицауады уынаффæйыл алы районы дæр хæрзаудæн акци саразыны тыххæй. Раиртæстам, царды бæрзæндтæм схизыны æмæ хохы цъупмæ ссæуыны `хсæн цавæр бастдзинад ис, уый. Стæй ма дзырдтам, ирон кафт дунейыл куыд парахат кæны, ууыл дæр.
_________________________
Мы рядом в: