Беслæны хуыцаубоны сбæрæг кодтой Сызгъæрин Дзуары бæрæгбон

Беслæны хуыцаубоны сбæрæг кодтой Сызгъæрин Дзуары бæрæгбон. Алы аз кувæндоны æрбамбырд вæййынц районы цæрджытæ, Беслæнæй æмæ хæстæг хъæутæй рацæуæг адæм, стæй уазджытæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ, фыдæлтæй куыд баззад, афтæмæй скувынц Хуыцаумæ. Ацы рæсугъд æгъдауыл ахуыр кæнынц кæстæрты дæр. Цы ӕгъдау ныффидар, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕр хистæртæ скуывтой Уастырджимæ æмæ дзы ракуырдтой æнæниздзинад фарн æмæ амонд. Дзуары бынмæ алы аз æрбацæуынц сæ кувинæгтимæ: æртæдзыхæттæ, æртæ фæрсчы æмæ нæртон бæгæны. Кадджын хистæр Алыккаты Хасаны ныхæстæм гæсгæ, хъæппæрисджын адæмы фӕрцы кувæндон банывыл ис. Ныр ӕм уӕлдай ӕхсызгон у сӕмбӕлын. Бæрæгбон сæ аивадæй барæсугъд кодтой Беслӕны адæмон кафты ансамблы артисттӕ. Дзуары бынмæ чи ӕрбацыд, уыдон сæ къухæмдзæгъд нæ бавгъау кодтой, Фарныхъæуы культурæйы хæдзары æвзонг хъомылгæнинæгтæ йӕ фарсмӕ цы хъазт сарӕзтой, уым. Хистæртæм ис кæстæрты `хсæн æгъдæутты фæтк парахат кæныны хорз хъуыды. Дзурынц сын, куыд равзæрдысты нæ кувæн бынæттæ дæр. Æфсинтæ сæумæрайсомӕй æрбацæуынц. Бирӕ куыстытӕ сын вӕййы. Скæнынц уæливыхтæ, ӕндӕр алыхуызон хæринæгтæ. Фынгыл карз нозт æвæрын не `мбæлы. Фæсивæд дæр уæдæ лæггад кæнынмæ разæнгард кæнын нæ хъæуы. Сызгъæрин дзуары номыл кусарт акæнынц. Кувæндонмæ æрбацæуын кæмæн нæ бантыст, уыдонæн арвыстой хæдзармæ хай. Æнæрхъуыды ми æмæ сонт ныхасæн Уастырджийы кувæндоны бынат нæй. Арфæтæ, хæларзæрдæ ахаст æмæ рухс, сыгъдæг æнкъарæнтæ. Бынæттон цæрджыты фидарæй уырны ахæм иугæнæг мадзæлтты фæрцы не `гъдæуттæ кæй нӕ фесӕфдзысты. Ӕнæниздзинад, дунейы сабыр цард æмæ зæххон хорзæхтæ. Уыдон сты ӕнӕмаст царды бындуртӕ. Бӕрӕгбонмӕ ’рцӕуджытӕ дӕр ӕмдых-ӕмзондӕй уый куырдтой уӕларвон тыхтӕй. Ӕмдых-ӕмзонды фарн та тыхджын у. Хъуамӕ сӕ куывд бӕрст фӕуа. Брытъиаты Феликс _________________________ Мы рядом в:
Back to Top