Мадлты капитал кмн мблы, уыдоны хъуы срмагонд гххтт бадттын, цы црнуат балхнынвнд кнынц, уый црынн кй бззы
Мадæлты капитал кæмæн æмбæлы, уыдоны хъæуы сæрмагонд гæххæтт бадæттын, цы цæрæнуат балхæнынвæнд кæнынц, уый цæрынæн кæй бæззы, уый фæдыл. Ахæм закъоны проект сфидар кодтой паддзахадон думæйы дыккаг æмæ æртыккаг æркастыты. Ныр мадæлты капиталæй фатер балхæныны бар нал уыдзæн, цы объект æлхæнынмæ хъавы адæймаг, уый домæнтæн дзуапп куы нæ дæтта, уæд, Ома цæрæн кæм нæ уа, ахæм. Ивддзинад йæ тыхы бацæудзæн ног азы январы. Уый руаджы бантысдзæн бахъахъхъæнын мадæлты капиталы фæрæзтæ дзæгъæл хардзæй.