ИРОН ФÆНДЫР. ЛÆГАУ

ЛÆГАУ Фест райсомæй, лæгау, Ныхс сапонæй дæхи Æмæ-иу скув: Хуыцау, Фæдзæхсын дыл мæхи! Дзул к’уаид, уæд бæргæ, Дæу дæр дзы хай фæуид! Куы нæ уа, уæд – хæргæ! – Кæрдзынæй стонг æрвит! Цæттæ дæ хызын дар, Тагъд де скъоламæ уай! Æнæзивæг куы уай,– Хуыздæр бынат дæ бар! Зондамонæгмæ хъус, Цы зæгъа, уый-иу кæн, Зæрдæхъæлдзæгæй кус, Æмæ бæззай лæгæн!..
Back to Top