Æбиты Валерий. Цы сусæг кæныс

Сусæгдзинæдтæ. Алкæмæн алыхуызон сты. Чи йæ зæрдæйы уаг æмбæхсы. Чи йæ риссаг хъæдгæмдтæн фу-фугæнгæйæ сæ арф бамбæхста æмæ сæ никæмæн хъæр кæны. Чи та йæ æгæрон циндзинадæн æвдисæнтæ нæ агуры. Афтæ куы зæгъон æмæ сусæг æнкъарæнтæ, хъуыдытæ, фæндтæ, бæллицтæ алкæмæдæр ис - нæ фæрæдийдзынæн. Нæ абоны уазæг æргом адæймагыл нымад у. Фæлæ исты сусæг кæны æви нæ, уый абон базондзыстæм. Чи у, уый уæ нæ басусæг кæндзынæн. Куыд мæм кæсы, афтæмæй се ппæтæн дæр æхсызгон уыдзæн йемæ фембæлын. Уымæн æмæ Æбиты Валерийы зонынц æмæ уарзынц. _ Мы рядом в:
Back to Top