Парламенты советы æмбырд
Дыгуры районы иумæйаг бюджет фарон æфтиæгтæм гæсгæ сæххæст кодтой 705 млн сомæн, хæрдзтæм гæсгæ та — 4 млн сомæн фылдæр. Уый тыххæй Парламенты советы æмбырды фехъусын кодта цæстдарæн-нымайæн палатæйы аудтитор Айларты Алан. Фæрæзты фылдæр хай хардз кæнынц ахуырадыл. Налогон æмæ æнæналогон æфтиæгтæ сты 20,2%. Бæрæггæнæнты фылдæр хай баххæст хаццоны æмæ физикон удгоймæгты æфтиаджы хъалонтæй.