Дзæуджыхъæуы уынгты фæзындысты уарзондæр сæрдыгон гагадыргътæ
Сæрд йæ тæмæны бацыд. Æмæ горæты уынгтæ харбызтæй байдзаг сты. Сæ фылдæр ласт сты Дагестан æмæ Краснодарæй. Бирæтæ тæрсынц, ома, раджы у нырма æппæты стырдæр гагадыргъ æлхæнынмæ. Фæлæ специалисттæ фидарæй зæгъынц, харбызтæ хæрынæн раджы нал у.
Æддейы – цъæх, мидæгæй – сырх. Дзæуджыхъæуы уынгты фæзындысты уарзондæр сæрдыгон гагадыргътæ. Бирæтæ харбызтæ хæрын августæй раздæр сæ ныфс нæ бахæссынц. Фæлæ, куыддæр фæзындысты, афтæ сæ æлхæнын чи райдыдта, ахæмтæ фылдæр сты.
Стыр æви гыццыл, хъулон-мулон æви цъæх