Группа “Звёздный Юг“ - Ссудз цырагъ
Ссудз цырагъ - Группа “Звёздный Юг“
Зарын æз дæуæн, хуссайраг зæрдæн.
Абон у дæ бон, макуы йæ ма фесаф.
Абон у дæ бон, зары Ирыстон
Худы арвырон сау къæвдайы фæстæ.
Æз уынын, куыд лидзы тугдадзинты скифаг туг,
Æмæ уый тыххæй, мæ адæм, сымахæй дæн æз буц.
Базард:
Ссудз цырагъ!
Æмæ ныннæрой Иры хæхтæ,
Æртæхой махмæ Иры зæдтæ.
Ссудз цырагъ!
Ссудз цырагъ
Ирыстоны зынгхуыст хъæбултæн,
Чи нæ ис абон мемæ, уымæн.
Ссудз цырагъ!
Хæсты цæстысыг уадултыл лыгъдис,
Уыцы уæззау ныв нæма нæ ферох ис.
Нал зары дæ цард, иунæг ирон мад,
Фæлæ азар ды дæ хъæбулы тыххæй.
Чи зоны, дæ фехъуса — æхсызгон ын уыдзæн.
Азар, мад, дæ хъæбулæн — дæ фырт дæ фехъусдзæн.
Базард:
Ссудз цырагъ!
Æмæ ныннæрой Иры хæхтæ,
Æртæхой махмæ Иры зæдтæ.
Ссудз цырагъ!
Ссудз цырагъ
Ирыстоны зынгхуыст хъæбултæн,
Чи нæ ис абон мемæ, уымæн.
Ссудз цырагъ!