Кувæндæттæм цæстæнгас | Дуг. Цаутæ. Адæм
Фыдæлтæй нын баззад уæларвон тыхтыл хи фæдзæхсын. Адæм-иу кувæндæттæм цыдысты Хуыцауæн сæ зæрдæйы сагъæстæ æргом кæнынмæ, къабæзтæн æмæ дзы хиуæттæн хорздзинæдтæ курынмæ. Куыдфæстæмæ табуйаг рæттæм Ирыстоны цæуын райдыдтой æрмæст феныны тыххæй дæр. Арæх фысымтæ кувæндæттыл сæ фæндаг ракæнынц уазджытимæ. Уыцы къахихсыдæй зæдбадæнтæн алы хатт сæ уавæр зæрдæйы фæндиаг нал вæййы. Уæдæ цы гæнгæ у, цæмæй Ирыстоны кувæндæтты æцæг хæстæ рохуаты ма уой? Цавæр цæстæнгас сæм хъуамæ дарæм, цæмæй сын сæ нысаниуæг фидæны